Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 210 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 587 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 210 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 587 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 210 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд  Гуырдзыстоны низты контролы националон центры  веб-фарсыл.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 5 587 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 74  пациент  амард.

Уыимæ  иумæ, веб-фарсыл публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ,   фæстаг 24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 28 025  адæймагæн, сæ  нымæцы –  15 263  антигены тестæй  æмæ   12 762 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 7,89%, фæстаг 14 боны –  –  9,27%, фæстаг  7 боны – 8,33%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   564 837  цау, уыдонæй  514 768 сæнæниз сты, 7 806   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 1 314 104 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 22 733.

Карантины режимы сты 105 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 7 019, клиникон фысымуаты сты – 2 415 уæнгы.