Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 176 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 838 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 176 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 838 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 176  ног цау. Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны низты контролы  националон  центр.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 838   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 43  пациент  амард.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады бæрæггæнæнтæ  ахæм сты:  фæстаг 14 боны –  7.46%, фæстаг  7 боны – 7.21%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   589 727  цау, уыдонæй  554 618  сæнæниз сты, 8 390  та  амард.

15  сентябры уавæрæй,  Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 515  ног цау, сæнæниз ис   ноджы 2 829  пациент, 60 пациент та амард.