Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 171 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 074 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 171 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 074 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 171  ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 1 074   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 24  пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 27 648  адæймагæн, сæ  нымæцы –  15 912  антигены тестæй  æмæ   11 736  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 7,85%,  фæстæг 14 боны – 5,33%, фæстæг авд боны – 6,27%.

Бæстæйы масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 47 949 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 564.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   315 913  цау, уыдонæй  296 532  снæниз сты, 4 207  та  амард.

Карантины режимы сты 84  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 289, клиникон фысымуаты сты 744  уæнгы.