Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 016   ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 024   пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 016 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 024 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 016  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд у   Гуырдзыстоны  низты контролы националон центр.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 024  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 43  пациент  амард.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг бæрæггæнæнтæ ахæм сты  – фæстаг 14 боны –  6.92%, фæстаг  7 боны – 6.48%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   600 412  цау, уыдонæй  567 797  сæнæниз сты, 8 664  та  амард.

21  сентябры,  Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 470    ног цау, сæнæниз ис   ноджы 2 243 пациент.