Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 19 098 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 17 531 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 19 098 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 17 531 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 38 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 52 362 адæймагæн, сæ нымæцы – 29 383 антигены тестæй æмæ 22 979 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 36,47%, фæстаг 14 боны – 30,65%, фæстаг 7 боны – 27%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 314 603 цау, уыдонæй 1 089 091 сæнæниз сты, 15 212 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 750 228 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 443.
Карантины режимы сты 42 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 850, клиникон фысымуаты ис 1 962 уæнгы.
Знон, 5 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 23 134 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 17 594 пациент, 33 адæймаг та амард.