Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 19 049 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 18 409  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 19 049 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 18 409 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  19 049 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 18 409  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 51 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  56 531 адæймагæн, сæ  нымæцы –  39 936  антигены тестæй  æмæ   16 595 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 33,7%, фæстаг 14 боны –  32,01%, фæстаг  7 боны  – 32,19%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 480 841   цау, уыдонæй  1 289 168   сæнæниз сты, 15 628   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 779 761 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 593.

Карантины режимы сты 10 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 017, клиникон фысымуаты ис  1 309   уæнгы.

Знон, 14 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  4 028    ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  22 517     пациент, 21 адæймаг та  амард.

Уыимæ ма,  знон, низты  контролы  националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзе   райхъусын кодта,  цæмæй  техникон куыстыты  тыххæй,   14  февралы  коронавирусæй  инфицирады фæдыл  бæрæггæнæнты  æххæстæй   равдисын  программæйы нæ бантыст,  цæй тыххæй  дæр  абон  публикацигонд  бæрæггæнæнтæ  афтæдæр æвдисынц,  хуыцаубоны æмæ   къуырисæры  цы цаутæ  сбæрæгæ  сты,  уыдон.