Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 171 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 382 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 171 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 382 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 14 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 14 298 адæймагæн, сæ нымæцы, 8 547 антигены тестæй æмæ 5 75 1та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 1,2%, фæстæг 14 боны – 1,66%, фæстæг авд боны – 1,6%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 280 472 цау, уыдонæй 272 601 снæниз сты, 3 765 та амард.
Карантины режимы сты 276 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 653, клиникон фысымуаты сты 200 уæнгы.