Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 170 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 396 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 170 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 396 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 10 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 6 185 адæймагæн, сæ нымæцы, 2 993 антигены тестæй æмæ 3 192 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,75 %, фæстæг 14 боны – 1,56 %, фæстæг авд боны – 1,72 %.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 277 650 цау, уыдонæй 270 369 снæниз сты, 3 710 та амард.
Карантины режимы сты 204 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 460 , клиникон фысымуаты сты 173 уæнгы.