Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 17 265 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 947 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 17 265 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 5 947 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 34 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 69 190 адæймагæн, сæ нымæцы – 38 203 антигены тестæй æмæ 30 987 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 24,95%, фæстаг 14 боны – 20,01%, фæстаг 7 боны – 23,24%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 162 773 цау, уыдонæй 1 001 275 сæнæниз сты, 14 945 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 710 914 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5 156.
Карантины режимы сты 41 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 191, клиникон фысымуаты ис 2 061 уæнгы.
Знон, 29 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 18 274 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 8 400 пациент, 41 адæймаг та амард.