Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 159 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 328 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 159 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 328 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 2 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй басгæрстой 13 730 адæймагы, сæ нымæцы, 9 275 антигены тестæй æмæ 4 455та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 1,16%, фæстæг 14 боны – 1,53%, фæстæг авд боны – 1,41%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 275 148 цау, уыдонæй 268 565 снæниз сты, 3 650 та амард.
Карантины режимы сты 211 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 358, клиникон фысымуаты сты 131 уæнгы.