Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 15 315  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 10 894 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 15 315 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 10 894 пациент

 

 

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  15 315 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 10 894 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 55 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  50 058  адæймагæн, сæ  нымæцы –  31 794 антигены тестæй  æмæ   18 264 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 30,59%, фæстаг 14 боны –  32,02%, фæстаг  7 боны  – 31,51%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 496 156    цау, уыдонæй  1 300 062    сæнæниз сты, 15 683    та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 783 856   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 560.

Карантины режимы сты 10 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 974, клиникон фысымуаты ис  1 261  уæнгы.

Знон, 15 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  19 049     ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  18 409  пациент, 51 адæймаг та  амард.