Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 147 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 193 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 147 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 193 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 15 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй басгæрстой 7 823 адæймагы, сæ нымæцы, 3 613антигены тестæй æмæ 4210 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 1,88%, фæстæг 14 боны – 1,54%, фæстæг авд боны – 1,67 %.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 272 998 цау, уыдонæй 266 886 снæниз сты, 3 591 та амард.
Карантины режимы сты 257 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 421, клиникон фысымуаты сты 125 уæнгы.
Уыимæ иумæ 6 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 234 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 349 пациент.