Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 147 ног цау сбæрæг ис, 607 пациент сæнæниз ис
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 147 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 607 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 12 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масшæбæй басгæрстой 5 275 адæймагы, сæ нымæцы, 2 736 басгæрстой антигены тестæй æмæ 2 539 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2, 79 %, фæстæг 14 боны – 2,6 %, фæстæг авд боны – 2,6%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг сты коронавирусæй инфицирады 268 502 цаутæ, уыдонæй 262 244 снæниз сты, 3 447 та амард.
Карантины режимы сты 318 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 713, клиникон фысымуаты сты 207 уæнгы.
Афтæма, 21 февралы, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 258 ног цау, снæниз сты 571 пациенты.