Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 139 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 129 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 139 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 129 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 10 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй басгæрстой 6 351 адæймагы, сæ нымæцы, 3 464 антигены тестæй æмæ 2 887 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,19%, фæстæг 14 боны – 1,49%, фæстæг авд боны – 1,63%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 273 137 цау, уыдонæй 267 015 снæниз сты, 3 601 та амард.
Карантины режимы сты 252 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 383, клиникон фысымуаты сты 114 уæнгы.