Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 133 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 276 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 133 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 276 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 12 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй басгæрстой 10 678 адæймагы, сæ нымæцы, 5 456 антигены тестæй æмæ 5 222та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 1,25 %, фæстæг 14 боны – 1,65 %, фæстæг авд боны – 1,25 %.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 271 872 цау, уыдонæй 266 081 снæниз сты, 3 553 та амард.
Карантины режимы сты 316 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 426 , клиникон фысымуаты сты 150 уæнгы.
Уыимæ иумæ 3 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 360 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 119 пациент.