Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 13 150 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 8 503 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 13 150 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 8 503 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  13 150    ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 8 503    пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 35 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  45 623   адæймагæн, сæ  нымæцы –  27 148 антигены тестæй  æмæ   18 475  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 28,82%, фæстаг 14 боны –  20,75%, фæстаг  7 боны  – 23,8%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 175 923   цау, уыдонæй  1 009 778   сæнæниз сты, 14 980 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 712 889 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 665.

Карантины режимы сты 38 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 433, клиникон фысымуаты ис  2 000 уæнгы.

Знон, 30 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  17 265 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  5 947 пациент, 34 адæймаг та  амард.