Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1233 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 002 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1233 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 002 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 233  ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 1 002 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 31 пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 32 930 адæймагæн, сæ  нымæцы –  22 831  антигены тестæй  æмæ   10 099  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 3,74%,  фæстæг 14 боны – 3,3%, фæстæг авд боны – 2,71%.

Бæстæйы масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  –– 143 970  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5 056.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   345 196  цау, уыдонæй  328 620 снæниз сты, 4 804 та  амард.

Карантины режимы сты 33  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 707, клиникон фысымуаты сты 631  уæнгы.