Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 12 101 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 14 764  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 12 101 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 14 764 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  12 101 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 14 764    пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 45 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  47 486     адæймагæн, сæ  нымæцы –  33 164  антигены тестæй  æмæ 14 322  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 25,48%, фæстаг 14 боны –  30,65%, фæстаг  7 боны –   28,55 %.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 565 769 цау, уыдонæй  1 422 540    сæнæниз сты, 15 933  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 800 752    адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 006.

Карантины режимы сты 7 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 358, клиникон фысымуаты ис  860 уæнгы.

Знон, 21 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  4 775  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  19 242   пациент, 32 адæймаг та  амард.