Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1194 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 678 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 194 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 678 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 22 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 29 709 адæймагæн, сæ нымæцы – 18 220 антигены тестæй æмæ 11 489 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,02%, фæстæг 14 боны – 2,5%, фæстæг авд боны – 2,45%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты –– 257 974 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 777.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 365 068 цау, уыдонæй 351 144 снæниз сты, 5 297 та амард.
Карантины режимы сты 42 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 639, клиникон фысымуаты сты – 611 уæнгы.