Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 110 ног цау сбæрæг ис, 1 643 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 110 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 643 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 25 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 4 964 адæймагы, сæ нымæцы 2 930 басгæрстой антигены тестæй æмæ 2 034 та «PCR» тестæй.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 247 915 цау, уыдонæй 234 636 снæниз сты, 2 958 та амард.
Карантины тыгъдады сты 460 адæймаг, хиизоляцийы та – 22 714.
Уыйимæ иумæ, 17 январы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 780 ног цау, снæниз ис 1608 пациент.