Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1097 ног цау сбæрæг ис, снæниз сты 3208 пациенты
Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1097 ног цау. Информаци уый тыххæй хъусын кæны хицауады пресс-куыст.
Сæ информацийæ афтæдæр фæстаг 24 сахаты бæстæйы снæниз ис 3208 адæймаг. Фæстаг æхсæв-боны мидæг бæстæйы амард 25 пациент.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 8 394 адæмагы, сæ нымæцы 3 993 басгæрст антигены тестæй æмæ 4 401 та «PCR» тестæй.
Ацы этапыл инфицирады активон цауты нымæц у 15 655, кæцыты нымæцы 5 677 адæймагæн хос кæнынц рынчындæтты, 1 393 -ковид-фысымуæтты, 8 585 адæймаг та вирусæн хос кæныны курс æрвитынц хæдзары уæвгæйæ.
Карантины тыгъдады сты 420 адæймаг, хиизоляцийы 35 896.
Афтæма 26 декабры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусы 1784 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 4 119 пациенты.