Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 965 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 996 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 965 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны низты контролы националон центры веб-фарсыл.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 3 996 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 61 пациент амард.
Уыимæ иумæ, веб-фарсыл публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ, фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 25 624 адæймагæн, сæ нымæцы – 18 740 антигены тестæй æмæ 6 884 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7,67%, фæстаг 14 боны – 8,77%, фæстаг 7 боны – 7,63%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 567 922 цау, уыдонæй 523 669 сæнæниз сты, 7 917 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 1 340 062 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 24 262.
Карантины режимы сты 97 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 766, клиникон фысымуаты сты 2 152 уæнгы.