Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 954 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 477 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 954 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 477 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 47 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 20 068 адæймагæн, сæ нымæцы – 12 613 антигены тестæй æмæ 7 455 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у 9,02 %, фæстаг 14 боны – 9%, фæстаг 7 боны – 9,04%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 840 593 цау, уыдонæй 783 987 сæнæниз сты, 11 974 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 152 380 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6 545.
Карантины режимы сты 54 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 533, клиникон фысымуаты ис 1 150 уæнгы.