Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 852 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 1 696 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 852 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг, Бердиа Сичъинава райхъусын кодта хицауады администрацийы арызт брифингыл.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 42 579 цау. Снæниз сты ноджы 1 696 пациент æмæ сæ æмтгæйон нымæц у 26 800.
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 7 пациент фæхъуыд. Æмтгæй райсгæйæ, бæстæйы вирусæй фæрынчынуæвæг 342 адæймаг амард.
Карантины режимы сты 2 977 æмбæстаг, хиизоляцийы сты 29 876 адæймаг. Фæрынчынуæвджытæй 4 293 адæймагæн хос кæнынц рынчындæтты, 8 882 та хæдзары уæвæгæйæ.
Знон Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 791 цау, снæниз ис 2 413 пациент.