Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 791 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 2 413 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 791 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады администрацийы хистæр Натиа Мезвришвили, хицауады администрацийы арызт брифингыл райхъусын кодта.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 40 727 цау. Снæниз сты ноджы 2 413 пациент æмæ сæ æмтгæйон нымæц у 25 104.
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 28 пациент фæхъуыд. Æмтгæй райсгæйæ, бæстæйы вирусæй фæрынчынуæвæг 335 адæймаг амард.
Карантины режимы сты 3 007 æмбæстаг, хиизоляцийы сты 29 565 падæймаг. Фæрынчынуæвджытæй 4 188 адæймагæн хос кæнынц рынчындæтты, 8 870 та хæдзары уæвæгæйæ.
Знон Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 673 цау, снæниз ис 2 881 пациент.