Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 731  ног цау сбæрæг ис, 4 599  пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 731 ног цау сбæрæг ис, 4 599 пациент та снæниз ис

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  1 731  ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстаг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 4 599 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  39 пациент  æрбамард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   208 638 цау, уыдонæй 180 441 снæниз сты, 2 094 та  амард.

Карантины  тыгъдады  сты  481 адæймаг, стационары  цæстдарды бын сты – 6 654, ковид-фысымуатты – 1 913.

Афтæма 19 декабры  бæрæггæнæнтæй,  Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 904 ног цау, снæниз сты  4 316 пациенты.