Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 673 ног цау рабæрæг ис, снæниз ис 2 881 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 673 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады администрацийы хистæр Натиа Мезвришвили, хицауады администрацийы арызт брифингыл райхъусын кодта.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 38 936 цау. Снæниз сты ноджы 2 881 пациент æмæ сæ æмтгæйон нымæц у 22 691.
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 22 пациент фæхъуыд. Æмтгæй райсгæйæ, бæстæйы вирусæй фæрынчынуæвæг 307 адæймаг амард.
Карантины режимы сты 3 001 æмбæстаг, хиизоляцийы сты 30 467 падæймаг. Фæрынчынуæвджытæй 4 136 адæймагæн хос кæнынц рынчындæтты, 9 531 та хæдзары уæвæгæйæ.
Знон Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 696 цау, снæниз ис 2 906 пациент.