Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 578 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 909 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 578 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 909 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 578  ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 909  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 17   пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 27 373   адæймагæн, сæ  нымæцы –  13 127  антигены тестæй  æмæ   14 156   та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 5,76%,  фæстæг 14 боны – 4,19%, фæстæг авд боны – 4,48%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   305 850   цау, уыдонæй  287 938  снæниз сты, 4 043  та  амард.

Бæстæйы  низы ныхмæ  æфтыд у  – 40 095  адæймаг, æрвылбойнон вакцинаци ацæуынц  – 1 552 адæймаг.

Карантины режимы сты 222  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 644, клиникон фысымуаты сты 694  уæнгы.