Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 551 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 878 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 551 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 878 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 17 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 29 487 адæймагæн, сæ нымæцы – 11 878 антигены тестæй æмæ 17 609 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 5,26%, фæстæг 14 боны – 4,39%, фæстæг авд боны – 4,63%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 307 401 цау, уыдонæй 288 816 снæниз сты, 4 077 та амард.
Бæстæйы низы ныхмæ æфтыд у – 41 801 адæймаг, æрвылбойнон вакцинаци ацæуынц – 1 706 адæймаг.
Карантины режимы сты 221 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 780, клиникон фысымуаты сты 707 уæнгы.