Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 550 ног цау сбæрæг ис, 494 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 550 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци хъусын кæны
Гуырдзыстоны низты контролы националон центр.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 494 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 15 пациент æрбамард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 249 465 цау, уыдонæй 235 130 снæниз сты, 2 973 та амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 17 398 адæймагы, сæ нымæцы 12 166 басгæрстой антигены тестæй æмæ 5 232 та «PCR» тестæй.
Карантины тыгъдады сты 460 адæймаг, хиизоляцийы та – 22 714.
Уыйимæ иумæ, 18 январы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 110 ног цау, снæниз ис 1 643 пациент.