Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 527 ног цау сбæрæг ис, снæниз сты 1 282 пациенты
Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 527 ног цау – Уый фæдыл информаци æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы брифингы рæстæджы фехъусын кодта.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 13 030 адæмагы, сæ нымæцы 6 323 басгæрст антигены тестæй æмæ 6 707 та «PCR» тестæй.
Сæ информацийæ афтæдæр фæстаг 24 сахаты бæстæйы снæниз ис 1 282 адæймаг. Фæстаг æхсæв-боны мидæг бæстæйы амард 24 пациент.
Ацы этапыл инфицирады активон цауты нымæц у 13 162 кæцыты нымæцы 1004 пациенты сты уæззау уавæры, улæфæн аппаратыл иугонд тсы 332 адæймаг.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 227 420 цау, уыдонæй 211 727 снæниз сты, 2 505 та амард.