Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 409 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 256 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 409 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 256 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 27 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 40 275 адæймагæн, сæ нымæцы – 27 699 антигены тестæй æмæ 12 576 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 3,5%, фæстæг 14 боны – 5,82%, фæстæг авд боны – 5,48%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 71 570 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 433.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 325 665 цау, уыдонæй 304 935 снæниз сты, 4 363 та амард.
Карантины режимы сты 75 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 231, клиникон фысымуаты сты 772 уæнгы.