Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 374 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 422 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 374 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 422 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 11 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 37 524 адæймагæн, сæ нымæцы, 28 078 антигены тестæй æмæ 9 446 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 3,66%, фæстæг 14 боны – 2,46%, фæстæг авд боны – 2,58%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 290 129 цау, уыдонæй 278 251 снæниз сты, 3 894 та амард.
Карантины режимы сты 205 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 445, клиникон фысымуаты сты 323 уæнгы.