Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 357 ног цау сбæрæг ис, снæниз сты 748 пациенты
Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1357 ног цау. Уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг оперативон штабы хистæры хæдивæг, Бедриа Сичъинава хицауады администрацийы лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты коронавирусæй рынчын 748 пациент снæниз ис. Фæстаг æхсæв-боны дæргъы фæмаруд коронавирусæй рынчын 21 пациент.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы сарызтой 15891 тесты, сæ нымæцы антигены цырд тест – 8767, «PCR» тестæй – 7124.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 244 612 цау, уыдонæй 228 359 снæниз сты, 2 867 та амард.
Ацы этапыл инфицирады активон цауты нымæц у 13 360, кæцыты ынмæцы 3780 адæймагæн хос кæнынц рынчындæтты. Уæззау пациенттыл нымад цæуынц 808, уыдонæй улæфæн аппаратыл иугонд сты 240 адæймаг. 638 пациенты сты клиникон фысымуæтты, 8942 уæнг та вирусæн хос кæнынц сæ цæрæн хæдзæртты уæвгæйæ.
Карантины тыгъдады сты 469 адæймаг, хиизоляцийы 23 545.
Афтæма 13 январы бæрæггæнæнтæй Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1618 ног цау, снæниз сты 403 адæймаг.