Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 354 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 821 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 354 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 821 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 15 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 30 456 адæймагæн, сæ нымæцы – 21 054 антигены тестæй æмæ 9 404 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,45%, фæстæг 14 боны – 3,86%, фæстæг авд боны – 4,05%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты –– 117 354 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 354.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 339 315 цау, уыдонæй 320 777 снæниз сты, 4 654 та амард.
Карантины режимы сты 91 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 094, клиникон фысымуаты сты 673 уæнгы.