Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 337  ног цау сбæрæг ис, 3 498  пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 337 ног цау сбæрæг ис, 3 498 пациент та снæниз ис

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  1 337 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстаг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 3 498  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  49пациент  æрбамард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   191 063 цау, уыдонæй 161 681  снæниз сты, 1 839  та  амард.

Карантины  тыгъдады  сты  986 адæймаг, стационары  цæстдарды бын сты – 6 912, ковид-фысымуатты – 2 886.

Зноны бæрæггæнæнтæй,  Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 720  ног цау, снæниз сты  3 942 пациент.