Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 310 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 632 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 310 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 632 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 12 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 30 241 адæймагæн, сæ нымæцы, 17 446 антигены тестæй æмæ 12 795 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,33%, фæстæг 14 боны – 3,38%, фæстæг авд боны – 4,16%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 299 038 цау, уыдонæй 282 869 снæниз сты, 3 971 та амард.
Бæстæйы низы ныхмæ æфтыд у – 31 911 адæймаг, æрвылбойнон вакцинаци ацæуынц – 892 адæймаг.
Карантины режимы сты 249 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 363, клиникон фысымуаты сты 575 уæнгы.