Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 296 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 127 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 296 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 127 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 45 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 22 001 адæймагæн, сæ нымæцы – 14 145 антигены тестæй æмæ 7 856 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5,89%, фæстаг 14 боны – 6,93%, фæстаг 7 боны – 6,39%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 910 456 цау, уыдонæй 863 076 сæнæниз сты, 13 116 та амард.
Знон, 19 декабры Гуырдзыстоны корорнавирусæй инфицирады 2195 ног цау сбæрæг ис, снæнæиз сты 4319 пациент, 47 адæймаг та амард.