Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 160 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 302 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 160 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 302 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 30 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 29 209 адæймагæн, сæ нымæцы – 10 186 антигены тестæй æмæ 18 023 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,11%, фæстæг 14 боны – 4,58%, фæстæг авд боны – 3,81%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – – 97 153 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 819.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 333 601 цау, уыдонæй 313 651 снæниз сты, 4 519та амард.
Карантины режимы сты 72 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 243, клиникон фысымуаты сты 669 уæнгы.