Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 143 ног цау сбæрæг ис, снæниз сты 617 пациенты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 143 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 617 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 23 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 11 155 адæймагы, сæ нымæцы 6 758 басгæрстой антигены тестæй æмæ 4 397 та «PCR» тестæй.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 239 229 цау, уыдонæй 225 335 снæниз сты, 2 773 та амард.
Карантины тыгъдады сты 452 адæймаг, стационары хъусдарды бын сты 3 894 адæймаг, ковид-фысымуæтты та 746 пациент.
Фæсарæнтæй хоскæнынмæ æрластой Гуырдзыстоны 41 æмбæстагы.
Афтæма 9 январы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронаирусæй инфицирады 2 058 ног цау, 529 пациент та снæниз ис.