Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 092 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 775 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 092 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 775 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 092   ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 775  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 23    пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 29 734  адæймагæн, сæ  нымæцы –  20 425 антигены тестæй  æмæ   9 309  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 3,67 %,  фæстæг 14 боны – 2,6 %, фæстæг авд боны – 2,33 %.

Бæстæйы масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  –– 212 163 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 596.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   355 368   цау, уыдонæй  341 103  снæниз сты, 5 083 та  амард.

Карантины режимы сты 34 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 059, клиникон фысымуаты сты – 595   уæнгы.