Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 089 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 489 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 089 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 489 пациент

 

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 089   ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 1 489   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 18 пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 18 622  адæймагæн, сæ  нымæцы –  8 710  антигены тестæй  æмæ   9 952  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 5,84%,  фæстæг 14 боны – 5,98%, фæстæг авд боны – 6,55%.

Бæстæйы масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 61 319  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 765.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   321 919  цау, уыдонæй  300 989  снæниз сты, 4 281 та  амард.

Карантины режимы сты 72  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 386, клиникон фысымуаты сты 812  уæнгы.