Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 085 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 432 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 085 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 432 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 7 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 35 863 адæймагæн, сæ нымæцы, 23 896 антигены тестæй æмæ 11 967 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 3,03%, фæстæг 14 боны – 2,56%, фæстæг авд боны – 2,67%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 291 214 цау, уыдонæй 278 683 снæниз сты, 3 901та амард.
Карантины режимы сты 162 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 546, клиникон фысымуаты сты 338 уæнгы.