Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 015 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 151 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 015 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 151 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 28 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 39 697 адæймагæн, сæ нымæцы – 25 325 антигены тестæй æмæ 14 372 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,56 %, фæстæг 14 боны – 3,77 %, фæстæг авд боны – 3,71 %.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты –– 121 263 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 882.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 340 330 цау, уыдонæй 321 928 снæниз сты, 4 682 та амард.
Карантины режимы сты 89 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 940, клиникон фысымуаты сты 672 уæнгы.