Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 006 ног цау сбæрæг ис, 1 050 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 006 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 050 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 25 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 17 349 адæймагы, сæ нымæцы 5 857 басгæрстой антигены тестæй æмæ 11 492 та «PCR» тестæй.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 254 822 цау, уыдонæй 244 446 снæниз сты, 3 096 та амард.
Карантины режимы сты 490 адæймаг, стационары цæстдарды бын 3 069, клиникон фысымуаты сты 353 уæнгы.
Афтæма 25 январы уавæрæй, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 298 ног цау, снæниз тсы 1311 пациенты.