Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц райрæзтис 77-ы онг
Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц райрæзтис 77-ы онг, – уый фæдыл Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директор Марина Эзугбаиа, цалдæр минут размæ, фехъусын кодта журналисттæн.
«Знон сæумæрайсомы бæрæггæнæнты фæстæ нæм æрбафтыд фондз ног цауы. Абон сæумæрайсомы бырæггæнæнтæй сбæлвырд ис 77 цау», – банысан кодта Эзугбаиа.
Лабораторионæй бæлвырд, коронавирусæй фæрынчыны 77 цауæй, 10 сдзæбæх сты.