Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвджыты кар  æмæ  сæйраг   симптомтæ -  статистикъон бæрæггæнæнтæ
Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвджыты кар æмæ сæйраг симптомтæ - статистикъон бæрæггæнæнтæ

Гуырдзыстоны   коронавирусæй  фæрынчынуæвджыты  астæуккаг   кар  у  43 азы, максималон – 87, минималон та  2 аздзыд.  Информацийы   Гуырдзыстоны   низты  контролы  æмæ æхсæнадон  æнæнизхъахъхъæды  националон центр  хъусын кæны.

Гуырдзыстоны  сеппæтæй  фылдæр фæрынчынуæвæг  ис   15-æй  29 азы онг  кары æмбæстæгты æхсæн (22 процент). Бæрæггæнæнтæ  хъауджы  сты Европæйы   регионы цауы, цы  ран фæрынчынуæвджыты   фылдæры хай  (20%)  50-59  аздзыд  кары   æмбæстæгтæ сты.  Леталон цауты тыххæй куы  зæгъæм,  уæд Европæйы  мæлынады  цауты  зæгъæн ис 60% сты  80 аздзыдæй  хистæрдæр  æмбæстæгтæ уыдысты,  афтæдæр бæрзонд у  70-79 кары  æмбæстæгты  æхсæн.

Фæрынчынуæвджытæм фæбæрæггонд  миниуджыты  тыххæй  куы   зæгъæм, уæд низты контролы   центры  бæрæггæнæнтæй,   фæрынчынуæвджыты  сеппæтæй  фылдæр ,  68%-мæ   хуыфæг/ихæн фæбæрæг ис, 31 процент сæхи  лæмæгъ  хатыдысты,  29  процентмæ  та  хуыфæг.

Фæрынчынуæвджыты  20 процентæн  рыстис сæ хъуыр, 16 процентмæ  сæрниз, 12  процертмæ  та  диарея.

Сегасдæр къаддæр ахæлиугонд симптом ( фæрынчынуæвджыты 5 %)  зæрдæхæццæ/омын уыд.