Гуырдзыстоны хихъахъхъæнынады министр Ираклий Чикованийæн, Катары хицауады сæрдары хæдивæг æмæ хъихъхъæнынады фарстаты паддзахадон министр сфысым кодта
Гуырдзыстоны вице-премьер æмæ хихъахъæнады министр Ираклий Чиковани, кæцы Катары визитæй ис, Катары хихъахъæнады вице-премьер æмæ паддзахадон министр Шейх Сауд бин Абдулрахман Аль Танимæ фембæлд сарæзта.
Ираклий Чиковани йын бузныг расидтис Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинады тыххæй. Министртæ бахахх кодтой дыууæфарсон бастдзинады нысаниуæгдзинад æмæ равдыстой ныфс, цæмæй позитивон динамикæ, кæцы ис Гуырдзыстон æмæ Катары паддзахадты æхсæн æмахастыты размæцыды æрдгæй, фидæны ноджы фæарфдæр уыдзæн.
Фембæлдыл фарсытæ æруынаффæ кодтой хъахъхъæнынады секторы æмкуыстдзинады конкретон фадгуытыл, кæцытæ ахъаз уыдзысты дывæрсыг ахастыты ноджы фæтыхджындæр кæнынæн.
Гуырдзыстоны вице-премьер æмæ хихъахъæнады министр Катары паддзахады сæйраг сахар Дохайы ис йæ коллегæйы фæхуындæй. Йæ рады, Ираклий Чиковани Гуырдзыстонмæ фæхуыдта шейх Сауд бин Абдулрахман Аль Танийы.
Визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны хихъахъæнады министр Дохайы уагъд æппæтдунеон æфсæддон равдыстмæ дæр бацыд.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрад парахат кæны.