Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрад резерв æмæ мобилизацийы ног концепци парахат кæны
Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрад резерв æмæ мобилизацийы ног концепци парахат кæны
Министрады информацимæ гæсгæ, бæстæйы хъахъæд æрмæст гуырдзийаг æфсæдæтты нæ фæлæ ма алы æмбæстагы хæс у. Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрад «Стратегион бакасты документы» бавдыста тоталон хъахъæды принцип, кæцыйы резерв æмæ мобилизацийы эффектон системайы арæзт иуæй иу нысаниуæгджын у.
«Нæ резервы концепцийы нысан у, тоталон хъахъæды Гуырдзыстоны æмбæстæгты уæрæх бастдзинад æмæ мобилизацийы ресурсы оптималон реализаци
Ног концепцимæ гæсгæ, сырæздзæн дыууæ типы резерв – активон резерв æмæ мобилизацион резерв.
Активон резерв уыдзæн фæндонмæ гæсгæ. Къухфыст сырæздзæн контрактыл 5 азон æмгъуыдæй, æмæ 5 азон период уыдзæн куыстон стажмæ иугонд
Мобилизацион резерв -активон резервæй хъуджыгонд у уымæй æмæ у æнæмæнг æмæ йæ сæйраг нысан у гæрзифтонг тыхты фæтыхджын.
Мобилизацион резервы цауы æфсæдтон резервон куыстмæ ист уæнгæн нымад цæуы æфсады уæвыны период, афæдзы 45 бонæй фылдæр нæ.
Снысангонд фондмæ уыдзысты ист 18-60 азы онг æмбæстæгтæ. Уыдзæн арæзт электронон номхыгъд æмæ сæ нымæц уыдзæн нысангонд гæрзифтонг тыхтæй æнæмæнгдзинадæй рацæугæйæ» – ис нысангонд хихъахъæнады министрады информацийы.