Гуырдзыстоны хицауады струкутрон ивæндзинæдтыл консультацитæ абон дæр адаргъ уыдзысты
Гуырдзыстоны хицауады струкутрон ивæндзинæдтыл консультацитæ абон дæр адаргъ уыдзысты
Премьер-министр Мамука бахтадзе хицауады плангонд реорганизацийы фæдыл бюройы форматы парламенты уæнгтимæ консультацитæ знон сарæзта. Фембæлд парти «Гуырдзийаг бæллицы» централон офисы сырæзт.
Фембæлды фæстæ, цас министрад баззайдзæн хицауады, уый фæдыл кæронбæттæн æскъуыддзаг нырма ист нæу –снысангонды фæдыл «Гуырдзийаг бæллицы» офисы, консультациты фæуды фæстæ, парламенты æнæниздзинады комитеты сæрдарАкаки Зоидзе раисдтис.
Йæ бæлвырдмæ гæсгæ, уыдзæн каст премьер-министр Мамука Бахтадзейы хъуыдиат –министрадты 14-æй 11 онг фæкъаддæр кæнын, фæлæ идея нырма бакасты процессы ис.
Депутат сбæлвырд кодта, цæмæй хицаугæнæг къорды æфхæрдæххæстгæнæг æмæ юстицийы, культурæ æмæ рухсады, лыгъдонты æмæ æнæниздзинады министрадты сиу кæныны фæдыл уынаффæ кæнынц.Акакий Зоидзе нæ цух кæны, цæмæй ивæндзинæдтæ æндæр министрадтæм дæр баххæсой.
«Медийы цы информаци парахат кæны, бæлвырд кæнын, цæмæй снысангонд фарстатæ ныр сты бакасты процессы, фæлæ кæронбæттæн æскъуыддзаг ист нырма нæу» -банысан кодта Акакий Зоидзе.